Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ хуссарыстойнаг театры кусджытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры кусджыты. Бӕрӕгбонон церемони нывонд уыд Театры бонӕн, кӕцы нысан кӕнынц 27 марты, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий банысан кодта Ирыстоны артистты бӕрзонд профессионализм.
Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ хуссарыстойнаг театры кусджытӕн
Афтӕ ма президент банысан кодта театры техникон кусджыты фӕллой ӕмӕ бахахх кодта, Паддзахадон театрмӕ кӕй ис стыр хъусдрад.
"Ӕнӕ аивадӕй, ӕнӕ культурӕйӕ нӕ цӕры иу наци дӕр. Нӕ культурӕмӕ хъусдард дарддӕр дӕр уыдзӕн. Бирӕ арӕзт ӕрцыд, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ нырма бирӕ хъӕуы саразын. Уымӕн ӕмӕ райрӕзтӕн арӕнтӕ нӕй", - загъта Бибылты Анатолий.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы барамындмӕ гӕсгӕ, театры артисттӕн радтой кадджы нӕмттӕ, РХИ кады грамотатӕ ӕмӕ республикӕйы президенты бузныджы фыстӕджытӕ. Афтӕ ма Бибылты Анатолий радта артисттӕн хорзӕхтӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы номӕй.
Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ хуссарыстойнаг театры кусджытӕн