Хуссар Иры ӕмбуархӕцджытӕ турнир "Крепость Кавказа"-йы рамбылдтой аст майданы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбуар хӕсты секциты хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой цыппар сызгъӕрин майданы турнир "Крепость Кавказа"-йы, ноджы цыппарӕй та ссисты призертӕ.
Ерыстӕ цыдысты Ессентукийы. Архайдтой сӕ 'гас Кавказы спортсментӕ.
"Фыццаг хатт скодтой уӕлахиздзауы поястӕ, райстой майдантӕ, грамотатӕ ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд", - загъта тренер Хъуылымбегты Мамед.
Ӕдӕппӕтӕй ерысты расгуыхт аст спортсмены. Турниры уӕлахиздзаутӕ сты Харебаты Дауыт, Ӕлборты Елизавета, Джиоты Артем ӕмӕ Мамиты Роман. Пухаты Умар та райста дыккаг бынат. Ноджы ма ӕртӕ спортсмены - Сиукъаты Эрик, Генгеури Алан ӕмӕ Одтаты Артур та рамбылдтой ӕртыккаг бынӕттӕ.
"Ацы турниры уӕлахиз ӕндӕр ерыстӕм фӕндаг нӕ кӕны, фӕлӕ хорз фӕлтӕрддзинад у фӕсивӕдӕн. Ам ӕппӕт Кавказы спортсментӕ тох кодтой, ӕдӕппӕтӕй 200 онг", - загъта сывӕллӕтты иннӕ тренер Хетӕгкаты Яков.
Хуссар Иры ӕмбуархӕцджытӕ
Фӕсивӕды цӕттӕ кӕнынц Хетӕгкаты Яков, Хъуылымбегты Мамед, Дзабиты Артем, Хаситы Зелим ӕмӕ Бестауты Азӕмӕт.