Кӕройнаг скъуыддзаг райсдзысты хуссарирыстойнаг адӕм - Меняйло УФ скондмӕ бацӕуыны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстон - Аланийы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло Sputnik йӕ комментарийы фехъусын кодта, РЦИ кӕй у Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фарс.

"Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, кӕройнаг скъуыддзаг кӕй хъуамӕ райсой Хуссар Ирыстоны адӕм", - загъта уый.

Раздӕр йӕ фарсыл Telegram-ы Меняйло ныффыста, Цӕгат ӕмӕ Хуссары ирӕттӕ кӕрӕдзийӕ кӕй никуы адард сты, уыдон кӕддӕриддӕр кӕй уыдысты иу адӕм иу культурӕ, ӕвзаг ӕмӕ традицитимӕ. Афтӕ ма уый банысан кодта, ирон адӕм дих кӕй никуы ӕрцыдысты нӕдӕр менталон, нӕдӕр монон ӕгъдауӕй.
Уый размӕ Хуссар Ирыстоны президент фехъусын кодта, республикӕ кӕй райсдзӕн юридикон къахдзӕфтӕ УФ скондмӕ бахизыны тыххӕй.