Хуссар Ирыстоны президент ацӕудзӕн Донбассмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik. Президент Бибылты Анатолий фӕнд кӕны ацӕуын Донбассмӕ.
Йӕ балцы тыххӕй уый фехъусын кодта, йе 'мкъай цы гуманитарон ӕххуыс ӕмбырд кӕныны пункт бакодта, уырдӕм бацӕугӕйӕ.
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы балцы фӕдыл информаци бафидар кодта йӕ пресс-секретарь Гасситы Дина. Фӕлӕ уый дырысӕй нӕ загъта, кӕд хъуамӕ афӕндараст уа президент Донецкаг ӕмӕ Луганскаг адӕмон республикӕтӕм.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.