Цхинвайлаг спортсменкӕ ссис ленк кӕнынӕй ерысты призер Ессентукты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсменкӕ Уалыты Валерия бацахста дыууӕ дыккаг бынаты ленк кӕнынӕй ерысты, кӕцытӕ нывонд уыдысты Казахстаны сгуыхт тренер Александр Клюкины номӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта спортсменкӕйы тренер Евгения Терлеева.
Ерыстӕ уагъд цыдысты Ессентукийы, хайад сӕ истой 150 спортсменӕй фылдӕр - 2011-2012 азы гуырд чызджытӕ ӕмӕ 2009-2010 азы гуырд лӕппутӕ Уӕрӕсейы алыгъуызон горӕттӕй. Хуссар Ирыстонӕй мадзалы хайад райстой 12 спортсмены.
"Уалыты чызг рамбылдта дыууӕ дыккаг бынаты хицӕн дистанциты", - бамбарын кодта Евгения Терлеева.
Уый ма бафтыдта, спортсменты ерыстӕм кӕй бацӕттӕ кодтой тренертӕ Тъотъоты Хасан, Плиты Ацӕмӕз ӕмӕ Евгения Терлеева.