Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг Хъуылымбегты Робертæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik. Ирыстоны къуырисӕры фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Хъуылымбегты Робертæн. Уый Донецкмӕ ацыд фӕсивӕдимӕ, кӕцытӕ аластой ӕфсӕддонтӕн гуманитарон ӕххуыс, ӕмӕ баззад уым, фӕрсӕй-фӕрстӕм слӕууыд ирыстойнаг хӕстонтимӕ.
Роберты бавӕрдтой Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты, Скӕсӕйнаг уӕлмӕрды ӕфсӕддон аллейы, Уӕрӕсейы сӕрмагонд хӕстон операцийы рӕстӕджы фӕмардуӕвӕг солдатты цур.
Донбассы фӕмард Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Хъуылымбегты Роберт
Ирыстойнаг бархионӕн фӕстаг цыт скӕнынмӕ ӕрбацыд тынг бирӕ адӕм - йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмгӕрттӕ, коллегӕтӕ, ӕхсӕнады ӕмӕ хицауады минӕвӕрттӕ.
Фӕмардуӕвӕг хъайтары ӕмбӕлттӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй уый фӕмард 31 марты районон центр Ясиноватая бацахсыны сӕраппанд тохы. Хъылымбегты Робертимӕ ма амардысты иу абхазаг ӕмӕ иу та уырыссаг хӕстонтӕ.