Мустыздӕхы хъӕуӕй ӕфсӕддонтӕн арвыстой 300-йӕ фылдӕр ирон уӕлибыхы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 апр - Sputnik. Цӕгатирыстойнаг хъӕуы Мустыздӕхӕй арвыстой 300-йӕ фылдӕр ирон уӕлибыхы уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ хайад исынц сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы Украинайы, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
"Хъӕуы цӕрджытӕ аскъуыддзаг кодтой баххуыс кӕнын ӕфсӕддонтӕн. Уыдон ӕрӕмбырд кодтой ӕхцайы фӕрӕзтӕ, кӕцытӕй балхӕдтой продукттӕ ӕмӕ гигиенӕйы фӕрӕзтӕ. Сылгоймӕгтӕ скодтой 300-йӕ фылдӕр ирон уӕлибыхы", - радзырдта хъӕуы сӕрдар Арсӕгты Хӕмыц.
Афтӕ ма, хъӕуы скъолайы ахуырдзаутӕ ныффыстой ӕфсӕддон фыстӕджытӕ. Уыдон дӕр арвитдзысты гуманитарон ӕххуысимӕ.