Цхинвалы райдыдта гом турнир бильярдӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Бильярд у интеллектуалты спорт, загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бильярдӕй турниры бакӕнды церемонийы.
Мадзал ацыд дыццӕджы Цхинвалы. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, ӕрвыл аз дӕр спорты ацы хуызӕй турнир уадзынӕн кӕй ис стыр нысаниуӕг.
"Зонын ӕй, Хуссар Ирыстоны бильярдӕн кӕй ис стыр фидӕн. Ацы спорты уарзджытӕ йӕ нӕ бауадздзысты ахуыссын кӕнын", - загъта президент.
Уый раарфӕ кодта турниры организатор ӕмӕ хайадисджытӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ.
Цхинвлы райдыдта гом турнир бильярдӕй
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг йӕхӕдӕг дӕр хайад райста турниры ӕмӕ ныппырх кодта тымбылӕгты фыццаг пирамидӕ.
Хуссар Ирыстоны бильярды федерацийы сӕргълӕууӕг Хъотайты Шота куыд радзырдта журналисттӕн, афтӕмӕй ерыстӕ хъуамӕ ацыдаиккой бирӕ раздӕр, фӕлӕ сӕ бахъыгдардта коронавирусы пандеми.
1 / 3

Цхинвлы райдыдта гом турнир бильярдӕй

2 / 3

Цхинвлы райдыдта гом турнир бильярдӕй

3 / 3

Цхинвлы райдыдта гом турнир бильярдӕй

Уый ма бафтыдта, ацы аз кӕй райстой скъуыддзаг хъазын олимпиаг методикӕмӕ гӕсгӕ - дыууӕ фӕхӕрды онг. Турниры финал ацӕудзӕн ӕртыццӕджы, науӕд та цыппӕрӕмы.