ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цалдӕр уынгыл аскъуыд донифтонгад. Проблемӕйы аххосаг сты уалдзыгон донивылдтӕ, фехъусын кодта Sputnik "Водоканал"-ы генералон директоры хӕдивӕг Джиоты Инга.
"Брытъиаты доны хахх раздӕр ахицӕн кодтам Едыс-Цхинвалы магистралон линийӕ, уымӕн ӕмӕ уалдзӕджы раивылы ӕмӕ дон сызмӕнты. Уымӕ гӕсгӕ, доны гуырахст фӕкъаддӕр ис. Нӕ кусджытӕ сӕ хъус дарынц бынаты уавӕрмӕ ӕмӕ куы расыгъдӕг ис, уӕд ӕй баиу кодтой. Ныридӕгӕн резервуартӕ йедзаг кӕнынц ӕмӕ изӕры 18.00 сахатыл горӕты ӕппӕт уынгтӕм дӕр цӕудзӕн дон", - загъта уый.
Донифтонгады проблемӕтӕ уыд микрорайон "Текстиль"-ы дыууӕ уынгыл - Дзадтиаты ӕмӕ Маяковский уынгтыл.
"Ацы дыууӕ уынг бӕрзонд ӕвӕрд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ доны ӕлхъывд ӕмбӕлон куыннӕ уа, уӕд сӕм нӕ фӕразы хӕццӕ кӕнын", - бахахх кодта ныхасӕмбал.
Джиоты Инага ма бафиппадта, азӕй-азмӕ кӕй къаддӕр кӕны доны хахх Едыс-Цхинвалы гуырахст дӕн.
"Едысы донӕмбырдгӕнӕн у тынг рагон арӕзт, ӕвӕццӕгӕн дзы хъуызы дон ӕмӕ йӕ гуырахст хауы. Уый домы цалцӕг, мах уый тыххӕй рагӕй дзурӕм. Стӕй ма йӕм ныр баиу кодтой Дзауы ногарӕзт уынг дӕр", - бамбарын кодта "Водоканал"-ы минӕвар.