Цхинвалы ӕрурӕдтой коронавирусӕй рынчынты исӕн хайады куыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры сӕхгӕдтой коронавирусы рынчынтимӕ кусыны хайад, фехъусын кодта Sputnik медцентры амбулаторон-поликлиникон хайады хистӕр Санахъоты Тамара.
Фӕстаг рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны тынг стӕм сты коронавирусӕй рынчынтӕ, ивгъуыд къуыри иу ӕвӕрццаг тест дӕр нӕ уыд. Уыимӕ иумӕ Цхинвалы кусы тагъд ӕххуысы мобилон бригадӕтӕ, кӕцытӕ хӕдзӕртты аразынц тесттӕ.
"Рӕстӕгмӕ йӕ сӕхгӕдтам, уымӕн ӕмӕ уавӕр ӕрнывыл ис. Ныр дӕр исӕм тӕвдимӕ чи ис, ахӕмты поликлиникӕйы. Уыимӕ иумӕ адӕммӕ хатӕм, йӕ тӕвд кӕмӕн хизы, уыдон хӕдзармӕ фӕсидой дохтыртӕм",- загъта медик.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн ма сӕ хъусдарды бын ис коронавирусӕй иу рынчын адӕймаг, кӕцы хос кӕны хӕдзары.
Цхинвалы зӕронд Гуырӕн хӕдзары бӕстыхайы исӕн-сӕртӕгӕнӕн пункт, кӕцыйы куыст цыд коронавирус сбӕлвырд кӕныл, конд ӕрцыд 2020 азы фӕззӕджы. Йӕ нысан уыд сбӕлвырд кӕнын низ ӕмӕ адӕймагӕн йӕ уавӕрмӕ гӕсгӕ снысан кӕнын хос кӕныны амӕлӕттӕ ӕмӕ бынат.