Фынддӕс азы дидинджыты дунейы. Гасситы Зӕринӕ флористикӕ ӕмӕ иууыл стырдӕр букеты тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Бирӕхуызон дидинджыты иу букеты рафидауын кӕныны хъуыддаджы Гасситы Зӕринӕ йӕ профессийӕн ссардта бынат.Уый йӕхӕдӕг зайын кӕны дидинджытӕ ӕмӕ бӕрӕгбонтӕм фӕлынды букеттӕ уарзӕттӕн, йӕ хӕлӕрттӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн.
Чызг дидинджыты дунемӕ бацыд 15 азы размӕ, уӕд Цхинвалы хӕдзарон дидинджыты фыццаг дукани бакодта йӕ мад Гасситы Ирина.
"Фыццаг уал нӕм уыд хӕдзарон ӕмӕ уынджы дидинджытӕ. Ӕвӕццӕгӕн, мӕ туджы дӕр ис ӕмӕ ӕз дӕр цадӕггай дидинджытӕ ӕмӕ флористикӕмӕ ӕмхиц кӕнын райдыдтон", - радзырдта Зӕринӕ.
Равзаргӕ амалиуӕгад ӕввахс лӕууы Зӕринӕйы профессимӕ. Уый фӕцис ахуыр "дизайнер среды"-йы хаххыл, уымӕ гӕсгӕ йын ӕнцон уыд фӕцайдагъ кӕнын дидинджытимӕ куыстыл.
Гасситы Зӕринӕ
"Колористикӕйы бындуртӕ, композицитӕ - уыдон сты иумӕйаг дизайнертӕ ӕмӕ флористтӕн. Компьютеры уӕлхъус бадын нӕ уарзын. Дӕхи къухӕй рӕсугъддзинад сфӕлдисын та мӕнӕн ӕхцондзинад хӕссы",- бафтыдта уый.
Йӕ куысты ӕнтысты сусӕгдзинӕдтӕй иуыл чызг нымайы адӕмимӕ хъарм ныхас кӕнын ӕмӕ се 'ууӕнк райсын.
"Арӕх мӕм чи цӕуы, уыдон мыл ӕууӕндынц ӕмӕ мӕ бӕрны бакӕнынц сӕ букет саразын. Уыдон зонгӕйӕ ӕз дӕр архайын саразын тынг рӕсугъд губакк ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ балхӕнын", - бафтыдта флорист.
Цхинвалы дидинӕг ӕлхӕнджытӕ дӕр фылдӕр бӕрцӕй фӕзмынынц кино ӕмӕ социалон хызӕгты фенгӕ адӕмы, уымӕ гӕсгӕ Зӕринӕйы клиентты хсӕн иууыл популярондӕр у 101 уарди.
Гасситы Зӕринӕ
"Иу клиент арӕх хаста стыр букеттӕ, стӕй йӕм иу хатт райдыдта ӕфтауын ноджы дидинджытӕ ӕмӕ йын 150-ӕй ахызтысты, букет уыд къутӕр уардийӕ", - мысы чызг.
Фылдӕр бӕрц Зӕринӕ кусы ӕрласгӕ продукциимӕ, фӕлӕ йӕ мад фӕлвары йӕхӕдӕг дӕр ӕрзайын кӕнын алыгъуызон дидинджытӕ.
"Мӕ гыцци уалдзӕгмӕ ӕрцӕттӕ кӕны джитътри ӕмӕ пъамидор садзӕнтӕ, ӕмӕ ма семӕ иумӕ хъӕрмуатты тюльпантӕ дӕр. Бынӕттонтӕй ницӕмӕй ӕвзӕрдӕр сты. Кӕсын сӕм хъӕуы ӕдзух, цӕмӕй нысангонд рӕстӕгмӕ рафтауой. Зӕгъӕм, 8 мартмӕ", - загъта Зӕринӕ.
Зарина Гассиева
Йӕ куысты ӕмгъуыдмӕ ма ӕвзонг амалиуӕггӕнӕг сахуыр кодта хӕдзарон дидинджыты базар. Уыдон дӕр Цхинвалы сты популярон.Хӕссынц сӕ лӕварӕн, ӕххӕст дзы кӕнынц сӕ хӕдзарон зӕлды коллекцитӕ.