Къуаисайы командӕ рамбылдта уӕлыстол теннисы турнир Дзауы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы уӕлыстол теннисы турнир рамбылдта Къуаисайы фӕсивӕды командӕ, фехъусын кодта Sputnik Дзауы районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.
Уӕлыстол теннисы турнир
Ерыстӕ срӕвдз кодта районы спорты дӕлхайад, тохты архайдтой цыппар командӕйы, Къуаиса, Хуыцъе, Дзауы скъола-интернат ӕмӕ Гуфтайы скъолаты командӕтӕ.
"Ерыстӕ рамбылдта Къуаиса, дыккаг ссисты интернаты фӕсивӕд ӕмӕ ӕртыккаг та уыд Гуфтайы скъоладзаутӕ", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ерысты фӕстӕ тохты бацыдысты уазджытӕ дӕр.
Ерысты организацийы тыххӕй фысымтӕ - районы разамынад ӕмӕ спорты хайад - райстой бузныджы фыстӕджытӕ уӕлыстол теннисы Федерацийы хистӕрӕй.
Уӕлыстол теннисы турнир