Адӕймаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад: Хуссар Иры нысан кӕнынц Конституцийы бон

Sputnik

Гуыцмæзты Инна

Мах, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм, ныры æмæ фидæны фæлтæры раз нæхимæ бæрн райсгæйæ, нæ Фыдыбæстæйы æдасдзинад æмæ дидинæфтыдæн фæрæзтæ самал кæнынмæ тырнгæйæ, адæмты иубарадон æмæ хæдуагæвæрд иумæйаг принциптæ хынцгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитеты тыххæй Декларацийы разамындæй, æмбæстаджы æмæ адæймаджы бартæ æмæ хæдбардзинад фидаргæнгæйæ, политикон æмæ æхсæнадон бындуртæ фидаргæнгæйæ, сидæм æмæ бæлвырд кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци.
Хуссар Ирыстоны абоны бон цы Конституци архайы, уый ист ӕрцыд 21 азы размӕ. 2001 азы 8 апрелы референдумы фӕстиуӕгӕн адӕм хорзыл банымадтой Хуссар Ирыстоны Сӕйраг Закон. Фӕлӕ развӕлгъау стыр куыст бакодта конституцион комисси. Конституци райсын ссис паддзахады къахдзӕфтӕй сӕ иу. Бӕстӕйы сӕйраг документ ӕрӕмбырд кодта политикон, барадон, идеологон паддзахадон хӕйттӕ, сбӕрӕг кодта паддзахадон райрӕзты приоритеттӕ, афтӕ ма бафидар кодта адӕймаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад.
Фӕлӕ ацы конституцийыл куы дзурӕм, уӕд ма хъӕуы ӕрымысын, уый фыццаг кӕй нӕу уыд. Хуссар Ирыстоны Советон рӕстӕджы архайдтой уӕды дуджы Сӕйраг Законӕй. Уымӕн дӕр ис йӕхи цымыдисон истори, фӕлӕ ныр ууыл нӕ дзурӕм.
Ӕзтӕ куыд цыдысты ӕмӕ геополитикон реалитӕ кӕй ивтой, уымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстон расидт республикӕ. Ӕнӕмӕнг хъуыд саразын националон Конституци ӕмӕ, уый хынцгӕйӕ. паддзахады фыццаг Конституци хаст ӕрцыд 1993 азы 2 ноябры референдумы руаджы. Ацы ахсджиаг документы бындурыл арӕзт ӕрцыдысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон къухдариуӕгады органтӕ.
Уый фӕстӕ 2001 азы 8 апрелы хаст ӕрцыд ног Конституци, уый дӕр референдумы уылты. Уыцы Сӕйраг Законы бӕрӕггонд ӕрцыд паддзахады конституцион уагы бындуртӕ, адӕймаг ӕмӕ ӕмбӕстаджы бартӕ, сӕрибардзинӕдтӕ ӕмӕ хӕстӕ, афтӕ ма республикӕйы барджын структурӕты системӕ дӕр. Ног Конституци райсыны сӕр бахъуыд, уымӕн ӕмӕ бӕстӕйы политикон системӕйы ӕрцыд ивындзинӕдтӕ.
1993 азы ист Конституцимӕ гӕсгӕ, республикӕ уыд парламентон, фӕлӕ 1996 азӕй паддзахады ӕвзӕрст ӕрцыд президентон къухдариуӕгад. Уый тыххӕй бӕстӕйы Сӕйраг Закон ног ӕрлӕугӕ реалитӕм гӕсгӕ хъуыд ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын. Конд ӕрцыд конституцион къамис, ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куыст ӕрцыд.
Абон нӕ паддзахады уӕвынад кӕны Конституци, кӕцы ист ӕрцыд 2001 азы 8 арелы. Уый арӕзт у дыууӕ хайӕ, 9 сӕрӕй ӕмӕ 93 статьяйӕ.