Интеллектуалон ӕмӕ физикон ӕгъдауӕй зын хъазт. Цхинвалы кӕронмӕ бахӕццӕ турнир бильярдӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты бильярдӕй турнирӕн сарӕзтой хатдзӕгтӕ.
Ерыстӕ райдыдтой Цхинвалы 5 апрелы ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой 20 адӕймаджы онг. Хъӕзтытӕ ацыдысты олимпион методикӕмӕ гӕсгӕ - дыууӕ фӕхӕрды онг.
Турнир фӕнд кодтой ауадзын бирӕ раздӕр, фӕлӕ организаторты бахъыгдардта коронавирусы пандеми.
"Ацы аз турнир ӕрӕмбырд кодта хайадисджыты рекордон нымӕц. Уый та дзурӕг у ууыл, ӕмӕ бильярд популярон кӕны. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фидӕнмӕ ноджы фӕфылдӕр уыдзысты спорты ацы хуызӕн табугӕнджытӕ", - радзырдта журналисттӕн Хуссар Ирыстоны Бильярды федерацийы президент Хъотайты Шота.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу мӕйы фӕстӕ Цхинвалы ацӕудзӕн ног турнир бильярдӕй.
Хъотайты Шота бузныг загъта республикӕйы президентӕн, кӕцы хайад райста финалон хъӕзтыты.
"Бильярд ӕнгом кӕны адӕмы, бакӕсут ма, цас адӕм ӕрбамбырд ис ардӕм. Уый у интеллектуалон ӕмӕ физикон ӕгъдауӕй вазыгджын хъазт. Уӕлахизмӕ ӕмӕ активон цардмӕ тырнындзинад адӕмы цӕуын кӕны кӕронмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.
Бильярдӕй турнир Цхинвалы
Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, фыццаг бынат бацахста Багаты Роланд, дыккаг - Тадтаты Алан ӕмӕ ӕртыккаг та - Харебаты Тимур.
Уӕлахиздзаутӕн радтой грамотӕтӕ, майдантӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕ. Уымӕй дарддӕ ма хорзӕхджын ӕрцыдысты, турниры ирд хъӕзтытӕ чи равдыста, уыцы хайадисджытӕ дӕр.