Хуссар Иры ЦӔК фехъусын кодта ӕвзарджыты фӕдыл бӕрӕггӕнӕнтӕ 12.00 сахатмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) фехъусын кодта республикӕйы президенты ӕвзӕрстыты ӕвзарджыты нымӕцы фӕдыл бӕрӕггӕнӕнтӕ. 12.00 сахатмӕ, хъӕлӕсӕппӕрсты хайад райстой ӕвзарджыты 31,2 проценты, фехъусын кодта ЦӔК уӕнг Цоциты Игорь.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны 8.00 сахатыл райдыдта хъӕлӕскӕнынад президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл. Ӕвзарджытӕ хъӕлӕскӕнынадмӕ цӕуын райдыдтой фыццаг минутты фӕстӕ.
ЦӔК минӕвар фехъусын кодта ӕвзарджыты нымӕц Хуссар Ирыстоны горӕттӕ ӕмӕ районты.
Горӕт Цхинвал – 27,12 проценты
Цхинвалы район – 34,02 проценты
Знауыры район – 36 проценты
Дзауы район – 39,5 проценты
Горӕт Къуаиса – 39,6 проценты
Ленингоры район – 47,87 проценты
Скъуыддзаг цӕуы адӕмы хъысмӕт: Гаглойты Алан схъӕлӕс кодта Хуссар Иры ӕвзӕрстыты