Хуссар Иры ЦӔК пресс-центр райдыдта йӕ куыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы йӕ куыст райдыдта Централон ӕвзарӕн къамисы информацион пресс-центр. Хъӕлӕскӕныны бон ардӕм цӕудзӕн ӕппӕт информаци дӕр ӕвзӕрстыты цыды тыххӕй, ӕвзарӕн фадгуытыл уавӕры тыххӕй. Афтӕ ма ам сӕ фиппаинӕгтӕ дзурдзысты ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ дӕр.
Пресс-центры ралӕууыд ЦӔК сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия. Уый лӕмбынӕг радзырдта хъӕлӕсӕппӕрсты процессы организацийы тыххӕй.
"Ӕвзарджыты номхыгъдмӕ хаст ӕрцыд 29 695 ӕмбӕстаджы. Уый кӕройнаг нымӕц нӕу, цӕудзӕн ма ӕххӕстгонд", - банысан кодта Гӕджиты Эмилия.
Республикӕйӕн ӕддейӕ фадгуытыл ӕвзарджытӕ хъӕлӕс кӕндзысты фактон ӕгъдауӕй.
ЦӔК уӕнг Цхуырбаты Марина дӕр базонгӕ кодта ДИФ минӕвӕртты пресс-центры куысты фӕткимӕ.
Хуссар Ир ӕвзары президенты. Республикӕйы байгом сты ӕвзарӕн фадгуытӕ иууылдӕр