Ирон ӕфсӕддонтӕ радтой гуманитарон ӕххуыс Мариуполы цӕрджытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны хӕстонтӕ, кӕцытӕ хайад исынц сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы Украинайы, радтой Мариуполы цӕрджытӕн гуманитарон ӕххуыс. Уый тыххӕй хъусын кӕны телеканал "Россия 1".
Уӕрӕсейы Федерацийы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайад исынц Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны бирӕ цӕрджытӕ. Уыдон сӕхи равдыстой хъӕбатыр ӕфсӕддонтӕй, афтӕ ма сын банысан кодтой сӕ хорз ахаст сабыр цӕрджытӕм.
"Фронт у тынг хӕстӕг. Адӕм ам сты ӕвзӕр уавӕры. Дзырд радтам, ногӕй сӕм кӕй ӕрӕздӕхдзыстӕм, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кодтам", - радзырдта телеканалы уацхӕссӕгӕн Хуссар Ирыстоны минӕвар Гӕджиты Радислав.
Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй арвыстой бирӕ тоннӕтӕ гуманитарон ӕххуыс Донбассмӕ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.