Хуссар Иры ӔХМ радзырдтой, куыд базонӕн ис УФ госпитальты хосцӕуӕг ӕфсӕддонты уавӕр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) банысан кодтой, куыд ис гӕнӕн райсын информаци ӕфсӕддонты уавӕры фӕдыл, кӕцытӕ хайад ис сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы ӕмӕ хоскӕнынад цӕуынц Уӕрӕсейы.
"Уый фӕдыл, зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ, кӕд уӕ хъӕуы райсын информаци гоймӕгты ӕнӕниздзинады уавӕры тыххӕй, кӕцытӕ хайад исынц сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы Украинайы территорийыл ӕмӕ хоскӕнынад цӕуынц ӕфсӕддон-медицинон опрганизациты Уӕрӕсейы Федерацийы территорийыл, уӕд уӕ бон у бадзурын министр Наниты Сосланмӕ", - дзырдӕуы уагдоны пресс-службӕйы хъусинаджы.
Уый размӕ Наниты Сослан кусӕгон командировкӕйы рӕстӕджы Мӕскуымӕ бабӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ хайад истой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы ӕмӕ хоскӕнынад цӕуынц Бурденкойы номыл Сӕйраг ӕфсӕддон клиникон госпиталы ӕмӕ Вишневскийы номыл Централон ӕфсӕддон клиникон госпиталы.