Знауыры районы стыр хъӕуты уынгтыл сӕвӕрдтой рухсытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы къорд хъӕуы сӕйраг фӕндӕгтыл ӕвӕрд цӕуынц рухсытӕ, ӕдӕппӕтӕй хъӕууон фӕндӕгтӕ срухс кӕндзысты 150 плафоны, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Оттаты Алена.
Куыстытӕ ӕххӕст кӕны районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад.
"Куыстытӕ ӕххӕст ӕрцыдысты Балта, Хъорнис, Бехъмар ӕмӕ Зиулеты хъӕууон администрациты. Ӕдӕппӕтӕй самал кодтой 150 плафоны, уыдонӕн сӕ фылдӕр хай сӕвӕрдтой", - загъта Оттаты Алена.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуты ахсджиаг нысаниуӕг ис уынгты рухсытӕн.
"Хъӕдты сарӕх сты тугдзых сырдтӕ ӕмӕ хизынц хъӕутӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрджытӕ талынджы сӕхи ӕдас нӕ хатыдысты. Адӕм ногдзинӕдтыл сӕмбӕлдысты райзӕрдӕйӕ", - бахахх кодта уый.