Цхинвалы 13 апрелы Хуссар Порталы ацæудзæн фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Зонадон Академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры директор, историон зонæдты кандидат Цыбырты Алексейимæ. Фембæлды темæ у "Гарольд Бейли – черкеска для английского рыцаря".
"Гарольд Бейлийы ном фæсарæйнаг зонадон традицийы хонынц æнæмæлгæ", - бахахх кодта историон зонæдты кандидат.
Уый ма банысан кодта, ацы ахуыргонды ном у Ирыстонимæ баст æмæ йын фесафæн нæй. Цыбырты Алексей зонадон куыст кæнгæйæ, фыстæджыты ᾿хсæн ссардта Гарольд Бейлийы фыстæджытæ Абайты Васомæ.
"Уый фæстæ ратæлмац кодтон фыстæджытæ уырыссаг æвзагмæ æмæ ссардтон, чи мæм фæкæса иннæ фыстæджытæ ссарыны хъуыддаджы Кембриджы, уый", - радзырдта Цыбырты Алексей.
Историон зонæдты кандидат ма банысан кодта, бирæ кæй нæ уыдысты Абайты Васоимæ фыстæджытæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны улæныл.