Хуссар Иры боксер Тыбылты Александр стох кӕндзӕн Ставрополы гом турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы минӕвар Тыбылты Александр стох кӕндзӕн Ставрополы уагъд цӕуӕг гом турниры, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Куымӕридтаты Родион.
Гом ерыстӕ цӕудзысты Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстимӕ иу бынаты ӕмӕ ӕмрӕстӕджы 18-ӕй 23 апрельмӕ.
"Тыбылты Алыксандр нырма у йӕ спортивон фӕндаджы райдайӕны. Стыр фӕлтӕрддзинад йын нӕй, фӕлӕ уыд бирӕ аккаг турнирты призер. Ныр та у иттӕг хорз цӕттӕ. Архайы 2006 азы гуырд боксерты хсӕн", - загъта тренер.
Лӕппу цӕттӕ кӕны Боксы скъолайы Цхинвалы Куымӕридтаты Родионы къухдариуӕгады бын. Тыбылты Александр афӕндараст уыдзӕн ерыстӕм боксерты командӕимӕ, кӕцытӕ стох кӕндзысты Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты.