Президентон ӕвзӕрстыты дыккаг тур ацӕудзӕн 28 апрелы - ЦӔК

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг тур ацӕудзӕн 28 апрелы, фехъусын кодта Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия.
Фӕлхаттон хъӕлӕсӕппӕрсты датӕ сфидар кодтой къамисы рабадты фӕстиуӕгӕн цыппӕрӕмы.

"Дзырд цыд цалдӕр датӕйыл - 23 ӕмӕ 28 апрель, фыццӕгӕм ӕмӕ ӕстӕм май. Ӕз схъӕлӕс кодтон 23 апрелӕн дӕр ӕмӕ 28 апрелӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн сӕйрагдӕр у бахъахъхъӕнын 15-бонон ӕмгъуыд - конституцион законмӕ гӕсгӕ уӕд хъуамӕ ацӕуа ӕвзӕрстыты дыккаг тур", - загъта Гӕджиты Эмилия.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къамисы дӕс уӕнджы схъӕлӕс кодтой президентон ӕвзӕрстыты дыккаг тур 28 апрельмӕ снысан кӕнынӕн.
Хуссар Ирыстоны 10 апрелы ацыд президентон ӕвзӕрстыты фыццаг тур. Бӕстӕйы уӕлдӕр бынатмӕ тырныдтой фондз кандидаты - Бибылты Анатолий, Гаглойты Алан, Мулдарты Гарри, Плиты Александр ӕмӕ Тасойты Дмитрий. ЦӔК развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фыццаг туры фӕстиуджытӕ ӕвдисынц, Гаглойты Алан кӕй ӕмбулы ӕвзарджыты хъӕлӕсты 36,9 процентимӕ. Бибылты Анатолий систа хъӕлӕсты 33,5 проценты.