Хуссар Иры парламент сфидар кодта ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik, Козаты Диана. Парламенты депутаттӕ хорзыл банымадтой ивындзинӕдтӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетмӕ. Уыдонмӕ гӕсгӕ рахицӕн кӕндзысты субсидитӕ кӕцыдӕр паддзахадон унитарон куыстуӕттӕн, афтӕ ма фӕрӕзтӕ Цхинвалы тыхмыгӕйы фӕстиуджыты ликвидацийӕн.
Ивындзинӕдты фӕдыл депутаттӕн лӕмбынӕгдӕр радзырдта майрӕмбоны финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывӕндынц рахицӕн кӕнын фӕрӕзтӕ дзулфыцӕн заводӕн, хӕрзарӕзтады комбинатӕн, "Энергоресурс"-ӕн ӕмӕ ӕндӕр организацитӕн.
Ноджы ма 1,3 милуан сомы бӕрц рахицӕн кӕндзысты Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзӕрттӕй иуы цалцӕгӕн, кӕцы бахъыгдард тыхдымгӕйы рӕстӕджы.
Цхинвалы хицауад иуварс кӕны тыхдымгӕйы фӕстиуджытӕ
Законад ӕмӕ хӕдразамынады комитеты разамонӕг Габатты Алан банысан кодта, уӕлхӕдзары хӕйттӕ кӕй бахъыгдардтой цалдӕр хӕдтулгӕйы. Уый цымыдис кодта, хӕдтулгӕты хицӕуттӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой ӕви нӕ. Тыбылты Фатимӕ бахахх кодта, ахӕм барамындтӕ кӕй нӕ райста.