Хуссар Ирыстоны ацыд презентаци уырыссаг-ирон-персайнаг æвзæгты дипломатион лексикæйы дзырдуатæн. Уый тыххæй радио Sputnik Хуссар Ирыстонæн йæ хъуыды загъта фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий.
Министры хъуыдымæ гæсгæ, ацы куыст у тынг ахсджиаг. Афтæ ма министр банысан кодта, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кæй уыд ирон-персайнаг филологийы факультет. 2008 азы хæсты фæстæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты исламаг паддзахад Иранæй егъау делегаци æмæ сын æхсызгон уыд, Иры зæххыл кæй ахуыр кæнынц персайнаг æвзаг.
"Хæсты фæстæ унивеситеты сæйраг агъуыст уыд сыгъд, персаг æвзаг чи ахуыр кодта, уыцы студенттæ та бадтысты мидæггаг корпусы", - радзырдта министр.
Медойты Дмитрийы ныхæстæм гæсгæ, уыцы балцы фæстæ ацы факультетæн Ираны минæварад Мæскуыйы рарвыстой бирæ чингуытæ, афтæ ма видеоæрмæджытæ. Уымæй дарддæр, ацы факультеты архайд хъæуы сног кæнын æмæ саразын ирайнаг кабинет, бафтыдта министр.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры 106.3 улæныл.