Наниты Сослан: дзырдуаты сӕйраг нысаниуӕг у персайнаг ӕвзаджы популяризаци

Sputnik
Хуссар Ирыстоны ацыд презентаци ахсджиаг дзырдуатæн – уый у уырыссаг-ирон-персайнаг æвзæгты дипломатион лексикæйы дзырдуат. Дзырдуаты автор у æнæниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан, редакторӕй та йын ӕрлӕууыд ирайнаг лингвист, ахуыргонд Мохаммед Навид Дарабзаде. Наниты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дзырдуаты нысаниуӕг у персайнаг ӕвзаджы популяризаци, уымӕн ӕмӕ уый ирайнаг ӕвзӕгтӕй у иуыл парахатгонд дӕр.
"Географион хицӕндзинадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ноджы ма ирайнаг ӕмӕ ирон адӕмы ӕхсӕн кӕй нӕй ӕмбӕлон бастдзинӕдтӕ, уӕддӕр дзы бӕрӕг кӕны иумӕйаг ныхӕстӕ ӕмӕ грамматикон уагӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ дыуӕ ӕвзаджы дӕр ӕмбӕлынц", - загъта автор.
Наниты Сослан бахахх кодта, кӕй нӕу профессионалон ахуыргонд лингвистикӕйы ӕмӕ дзырдуаты куыст кӕй сӕххӕст кодта факультативон хуызы.
Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.