"Цъæх Алани"-йы разамонæг: арсы лæппынтæн хъæуы саразын вольер

Sputnik
Хуссар Иры цыппар арсы лæппыны баззадысты æнæ мадæй браконьерты архайды аххосæй. Дыууæйы дзы ссардтой æмæ ныр реабилитаци цæуынц. Куыд цæуы арсы лæппынтæн сæ адаптаци, уый тыххæй радио Sputnik радзырдта "Цъæх Алани"-йы лидер Габайты Зæлинæ.
"Арсы лæппынтæ сты рискы группæйы, кæй радтой фæстæдæр, уыдон ноджы тæссагдæр уавæры уыдзысты. Ис ахæм низтæ æмæ адæймагыл нæ хæцынц, фæлæ арсы лæппынæн зиан хæссынц", - банысан кодта Габайты Зæлинæ.
"Цъæх Алани"-йы разамонæг ма куыд радзырдта, афтæмæй фыццаг арсы лæппынтæй иу нæ зоны нырма хæрын къусæй æмæ йын чи хæрын кодта, уыдоныл фæхæцыд.
Габайты Зæлинæ равдыста йæ тыхсдзинад, адæймаджы къухыл куы сахуыр уой лæппынтæ, уæдуый равзарын кæндзæн мæгуырау фæстиуджытæ æмæ сæ рæстæгылхъæуы радтын реабилитацимæ.
Уый ма радзырдта, кæй хъæуы саразын стыр вольер æмæ нæ æмбæстæгтæй кæмæн ис фæрæзтæ, уыдоны æххуысс тынг фæахъаз уыдзæн.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры 106.3 улæныл.