Хуссар Ирыстонæй Донбассмæ ацыдысты бархионтæ. Цæмæн ацыдысты Донбассмæ, цытæ дзы цыд фæстаг аст азы, уый тыххæй Sputnik радзырдта бархионтæй иу.
Куыд фехъусын кодта бархион, уымæ гæсгæ уый æрцыд Донбассмӕ 24 февралы, УФ сӕрмагонд ӕфсӕддон операци куы райдыдта, уӕд. Бынæттон цæрджытæ сыл сæмбæлдысты ӕхсызгонӕй.
Цæстæйфенæг ма куыд загъта, афтæмæй Украинӕйы фашизм у 1941-1945 азты фашизмæй карздæр æмæ цæмæй ма апарахат уа, уый тыххæй йæ хъæуы куынæг кæнын.
"Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Ирыстоны адæмæн, чысылæй-стырæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй - махæн чи кувы, уыдонæн. Уыцы куывдтытæ нæ алчидæр йæ зæрдæйæ хаты", - банысан кодта æфсæддон.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.