ЦХИНВАЛ, 18 апр – Sputnik, Козаты Диана. Горӕт Къуаисайы администрацийы сӕргъ слӕууыд Хуыгаты Алан. Уый фӕдыл барамынд бафыста президент Бибылты Анатолий къуырисӕры. Абон ма ноджы иу барамындӕй паддзахады сӕргълӕууӕг ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй раздӕры мэр Бӕззаты Геннадийы.
Ног мэры, кӕцы ма у районы администрацийы хистӕры хӕдивӕг, бавдыста Дзауы районы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей.
Джиоты Андрей фехъусын кодта Sputnik, Хуыгаты Алан йӕ профессимӕ гӕсгӕ у аразӕг, раздӕр уыд горӕты цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады хистӕр ӕмӕ хорз зонгӕ у Къуаисайы проблемӕтимӕ.
Хуыгаты Алан
© Пресс-служба президента РЮО
Цыбыр биографион справкӕ
Хуыгаты Алан Русланы фырт райгуырд 1993 азы 23 июны Дзӕуджыхъӕуы. 1999 азы бацыд Къуаисайы астӕуккаг скъоламӕ, кӕцы 2010 азы фӕцис ӕвзист майданимӕ.
2010 азы бацыд Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институтмӕ Архитектурон-арӕзтадон факультетмӕ, кӕцы иттӕг хорз фӕстиуджытимӕ фӕцис 2015 азы.
2014-2017 азты куыста проектон-арӕзтадон организаци "Перспектива"-йы горӕт Дзӕуджыхъӕуы.
2017 азӕй 2018 азмӕ куыста "Кадастр"-ы горӕт Дзӕуджыхъӕуы кадастрон инженеры бынаты.
2018 азӕй абоны онг куыста – Къуаисайы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады хистӕрӕй.
Ис йын бинонтӕ, хъомыл кӕны дыууӕ сывӕллоны.