Хуссар Иры хъӕутӕй иуы ссардтой "Град"-ы ӕнӕсрӕмудзгӕ ракетӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Аунеуы хъӕуы ссардтой залпон ӕхсты системӕ "Град"-ы нӕмыджы хай. Уырдӕм уайтагъд ацыдысты УУМ кусджытӕ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.
Хъусинаг дызӕрдыггаг предмет ссарыны тыххӕй, кӕцы уыд хӕстон ракетӕйы корпусы хуызӕн, уӕлвӕткон министрад райста дыццӕджы.
Хуссар Иры хъӕутӕй иуы ссардтой "Град"-ы ӕнӕсрӕмудзгӕ ракетӕ
Нывтӕм гӕсгӕ, ракетӕйы корпус уыд зӕххы бын, уӕлӕмӕ зынд рӕмудзӕн ӕрмӕджы кӕрон.
"Сапертӕ басгӕрстой ссарӕггаг ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, уый кӕй у залпон ӕхсты системӕ "Град"-ы реактивон нӕмыджы хай. Уый нӕ уыд тасхӕссӕг", - загътой УУМ.
Уыгдоны нырма не 'сбӕрӕг кодтой, кӕцӕй ӕрхаудтой хъӕумӕ ракетӕйы фрагменттӕ. Уыдон систой хӕстон ӕрмӕджы корпус ӕмӕ йӕ скуынӕг кодтой.