Донбассы трагеди ӕркодта Уӕрӕсейы сӕрмагонд операци райдайынмӕ – Владимир Путин

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр - Sputnik. Луганскы Адӕмон Республикӕйы бирӕ фӕивта ӕвзӕрырдӕм аст азы дӕргъы бомбӕкалдты тыххӕй, Донбассы трагеди ӕркодта Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци райдайынмӕ. Уый тыххӕй Уӕрӕсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта автономон ӕнӕкоммерцион организаци "Россия - страна возможностей"-йы цӕстдардон советы рабадтыл.
"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмӕн тынг зын уыд. Ӕндӕрхуызон уыд Хъырымы, Севастополы адӕмы цард. Фӕлӕ трагеди, кӕцы цыд Донбассы, ӕркодта Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци райдайынмӕ", - хъусын кӕны Путины ныхӕстӕ РИА Новости.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы операцийы нысаниуӕг у ӕххуыс "нӕ адӕмӕн, кӕцытӕ цӕрынц Донбассы".
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.