ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны автономон областы бындурӕвӕрдыл ӕртыццӕджы ӕххӕст кӕны сӕдӕ азы. Уый арӕзт ӕрцыд 1922 азы 22 апрелы Адӕмон комиссарты советы скъуыддзагӕй. Историктӕ ӕмӕ политиктӕ радзырдтой Sputnik историон цауы нысаниуӕджы, йе 'ппӕрццаг ӕмӕ ӕвӕрццаг ӕндӕвдады тыххӕй.
Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы лидер, парламенты раздӕры спикер Коцты Станислав нымайы, ацы политикон къахдзӕфӕн кӕй уыд стыр нысаниуӕг.
"Ацы скъуыддзаджы бындурыл, Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты зӕххыты бындурыл сӕвзӕрд Республикӕ Хуссар Ирыстон. Уый фӕстӕ дӕр нӕ бӕстӕйы ног историйы автономон облӕсты сӕвзӕрдӕн уыд егъау нысаниуӕг", - бахахх кодта уый.
Цы дзы уыд хорз, цы та ӕвзӕр?
Паддзахадон арӕзтадӕй дарддӕр ма политик рахицӕн кодта, ацы рӕстӕг кӕй фӕахъаз ис рухсад ӕмӕ сӕудӕджерады размӕцыдӕн.
"Советон дуджы сӕвзӕрдысты скъолатӕ. Уӕдмӕ Хуссар Ирыстоны уыд ӕрмӕстдӕр иу амалиуӕгад - Хъӕды комбинат, ӕндӕр ам сӕудӕджерады объекттӕ нӕ уыд. Советон дуджы нӕм фӕзындысты гиганттӕ - Вибромашина, Эмальпровод, Мехзавод, ЦАРЗ. 36 колхоз ӕмӕ совхозы. Арӕзт цыдысты рынчындон, скъолатӕ, сабидӕттӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ нын радта Советон хицауад автономон областы статусы", - загъта политик.
Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты 70-азон историйы уыд куы хорз, афтӕ фауинаг цаутӕ дӕр. Сӕ тӕккӕ ахадгӕдӕр - ирон адӕмы геноцидӕй ӕрмӕстдӕр дыууӕ азы фӕстӕ Ирыстоны хуссар хайы кӕй бакодтой Советон Гуырдзыстоны скондмӕ.
"Ӕз нымайын уый историон парадоксыл. Мӕн фӕнды зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, декреты размӕ цы цау уыд, уый: националон-сӕрибаргӕнӕг тох, кӕцы ахицӕн ис ирон адӕмы геноцидӕй. Уый Хуссар Ирыстоны рацух кодта 26 мин адӕймагӕй, кӕцытӕ фӕмардысты гуырдзиаг националистты къухӕй, уӕззау фӕндагыл, науӕд та баззадысты цӕгаты цӕргӕйӕ", - радзырдта ХИПУ-йы доцент, историон зонӕдты кандидат Тадтаты Таймураз.
Суагъӕ конд уыд цалдӕр пунктӕй
"Фыццаджы дзырд цыд автономон облӕсты бындурӕвӕрдыл, дыккаг пункты та йӕ территорийыл. Дарддӕр нысан цыдысты разамынады органтӕ ӕмӕ фыццаг министртӕ. Арӕзт ӕрцыд ӕрмӕст ӕртӕ районы, Знауыры район фӕзынд фӕстӕдӕр -1931 азы", - бахахх кодта историк.
Уыимӕ иумӕ Тадтаты Таймураз ацы историон цауы нымайы ахсджиагыл, уымӕн ӕмӕ йӕ бындурыл арӕзт ӕрцыд Хуссар Ирыстоны республикӕ.
Хуссар Ирыстоны автономон облӕст уӕвынад кодта 70 азмӕ ӕввахс. 1990 азы Хуссар Ирыстон расидт демократон республикӕ Советон цӕдисы сконды. 1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстон райста хӕдбардзинады акт.