Лӕвар кӕны позитив: Джиоты Магрез Петербурджы равдысты тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Ирон нывгӕнджыты ӕхсӕзӕм равдыст "Осетинская палитра на берегах Невы" Санкт-Петербурджы йӕ уазджытӕн лӕвар кӕны позитив ӕмӕ ирд тӕлмӕнтӕ, нымайы нывгӕнӕг Джиоты Магрез.
"Мадзалы уазджытӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы нывгӕнджыты сфӕлдыстад, ацӕуынц ирд тӕлмӕнтимӕ. Уый нымайын ахсджиагыл, цӕмӕй ацы зын рӕстӕджы адӕмӕн балӕвар кӕнай позитив ӕмӕ ирд тӕлмӕнтӕ", - загъта уый.
Равдыст фенӕн уыдзӕн мӕйы кӕронмӕ, мадзал цӕуы галерей "Мастер"-ы фӕзуатыл.
"20 авторы рахӕссынц сӕ куыстытӕ равдыстмӕ, сӕ нымӕц алы хатт дӕр вӕййы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр - 30-40 куыстӕн фенӕн ис экспозицийы", - загъта нывгӕнӕг.
Джиоты Магрез йӕ студентон рӕстӕджы йӕхӕдӕг дӕр уыд мадзалы хайадисӕг.
"Осетинская палитра на берегах Невы": Петербурджы байгом ирон нывгӕнджыты равдыст