ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik. Ленингоры поселочы цыппӕрӕмӕй скуыста фыццаг паддзахадон афтек, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Бон раздӕр республикӕйы иууыл дӕрддзӕф районмӕ баластой ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонгад ӕмӕ медицинон препараттӕ.
Продукци реализаци цӕудзӕн цардӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медикаментты ӕргътӕм 10% онг бафтаугӕйӕ, ӕмӕ иннӕ хостӕм та 20% онг.
Министрады ма бафтыдтой, сомӕй фӕстӕмӕ йӕ куыст кӕй сног кӕндзӕн паддзахадон афтек Цъинагары хъӕуы дӕр.
Афтектӕ конд ӕрцыдысты бынӕттон цӕрджыты куырдиӕттӕм гӕсгӕ, бахахх кодтой уагдоны.