Тугуадзыны станцы сӕйраг дохтыр: Хуссар Иры ӕмбаргӕ ахаст дарын донорадмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ арӕх фӕдӕттынц туг экстренон ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады рӕстӕджы, фехъусын кодта Sputnik республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) тугуадзӕн станцы хистӕр Хуыгаты Светлана.
Специалисты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ ӕмбаргӕ ахаст дарынц донорадмӕ. Фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, донортимӕ проблемӕ вӕййы – бандӕвта пандеми.

"Донортӕ тӕрсынц, коронавирус сыл кӕй бахӕцдзӕн туг дӕттыны рӕстӕджы. Фӕлӕ дзы рисктӕ нӕй. Ам алкӕцы донор дӕр туг раттыны размӕ рацӕуы басгӕрст алыхуызон инфекцитӕ ӕмӕ вирусты уӕвынады фӕдыл", - загъта Хуыгаты Светлана.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, донортӕн арӕх мотиваци нӕ фаг кӕны, уымӕн ӕмӕ уыдон уый тыххӕй ницы райсынц. "Туджы донорад ӕмӕ йӕ компонентты фӕдыл" законы ис фиддонтӕ, кӕцыты бӕрц у фӕллойады минималон мызды фондз проценты бӕрц, фӕлӕ донортӕ Хуссар Ирыстоны уыцы фиддонтӕ никуы райстой.
Станция переливания крови
"Мах арвитӕм рапорттӕ донорты фӕдыл Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ – мах сразы сты. Ныфс нӕ ис, азы кӕронмӕ, экономикӕйы уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уӕд донортӕ райдайдзысты исын ӕнӕаргъ хӕлцад дӕр" – банысан кодта станцы хистӕр.
Уый ма радзырдта, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты хсӕн ис бирӕ активон донортӕ, ӕмӕ станцы кусджыты фӕнды, цӕмӕй уыдонӕн-иу радтой нысан "Кады донор". Уӕрӕсейы уыцы номы руаджы вӕййы алыхуызон уӕлбартӕ.
"Мӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ донортӕн дӕр уой уӕлбартӕ", - фехъусын кодта Хуыгаты Светлана.
Тугуадзын кӕй фӕнды, уыдонӕн ис сӕхи фӕтктӕ. Донорад тобӕгонд у алыхуызон низтимӕ, афтӕ ма туг дӕттын арӕх нӕй гӕнӕн – нӕлгоймӕгтӕн аз 4 хатты онг, сылгоймӕгтӕн та 5 хатты онг.