УФ Хъахъӕнынады министрад ранымадта Украинӕйы сӕрмагонд операцийы дыккаг фазӕйы нысӕнттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik. Донбасс ӕмӕ хуссар Украинӕйыл ӕххӕст контроль сфидар кӕнын – уый у уӕрӕсейаг ӕфсӕдты хӕслӕвӕрд сӕрмагонд операцийы дыккаг фазӕйы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Централон ӕфсӕддон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Рустам Миннекаев.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын фадат ратдзӕн саразын сурфӕндагон къӕлидор Хъырыммӕ.
"Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы дыккаг фазӕ райдыдта дыууӕ боны размӕ. Уӕрӕсейаг ӕфсады сӕйраг хӕслӕвӕрдтӕй иу у ӕххӕст контроль сфидар кӕнын Донбасс ӕмӕ хуссар Украинӕйыл, уый фадат ратдзӕн саразын сурфӕндагон къӕлидор Хъырыммӕ", - хъусын кӕны РИА Новости Рустам Миннекаевы ныхӕстӕ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
Донбассы трагеди ӕркодта Уӕрӕсейы сӕрмагонд операци райдайынмӕ – Владимир Путин