Ӕндыгъдады ног артдзӕст: эксперт бамбарын кодта, цы цӕуы Днестргӕроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 апр – Sputnik. Теракттӕ Днестргӕрон республикӕйы ӕндыгъддзинады ног артдзӕст саразыны нысанӕн, афтӕ ма Уӕрӕсейы хъусдард Донбассы сӕрмагонд операцийӕ аздахын ӕфсымӕрон паддзахады кризис саразгӕйӕ. Уый тыххӕй Sputnik загъта ӕфсӕддон эксперт Борис Рожин. Йӕ ныхӕстӕм гӕсӕ, терактты авторы фӕнды, цӕмӕй Уӕрӕсе йӕ фӕрӕзты иу хай рахицӕн кӕна ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн.
Днестргӕрон республикӕйы ӕдасдзинады совет ӕртыццӕджы бӕстӕйы бакодта террористон тӕссагдзинады "сырх" ӕмвӕзад. Къуырисӕр ӕмӕ дыццӕджы уым айзӕлыд цалдӕр срӕмыгъды, афтӕ ма цылдӕр хатты гранатаметӕй фехстӕуыд паддзахадон ӕдасдзинады министрады бӕстыхай Тирасполы.

"Бӕстӕйы расидтӕуыд террористон тӕссагдзинады "сырх" ӕмвӕзад. Уый бакӕнынц уӕд, ӕмӕ куы рабӕрӕг вӕййы, теракттӕн кӕй ис фӕлхаттон характер. Уый адыл ӕмбӕстӕгты хъӕуы сӕхи хъахъхъӕнын, хъусын кӕнын ӕмбӕлон уагдӕттӕм зӕрдӕхсайгӕ гоймӕгты тыххӕй, кӕцытӕ ӕрбахизынц республикӕйы территоримӕ, афтӕ ма ӕххӕст кӕнын сӕрмагонд службӕты барамындтӕ", - загъта Рожин.

Уый банысан кодта, уавӕр Днестргӕроны кӕй у вазыгджындӕр Хуссар Ирыстонимӕ абаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ йын нӕй арӕн Уӕрӕсеимӕ, у анклав хӕрам бӕстӕты хсӕн.
"Молдавийæ архайынц спайда кæнын, цæмæй сцырын кæной конфликт Днестргæроны. Бæстæйы разæнгард кæнынц Уæрæсейы газæй ма пайда кæнынмæ, уый та æркæндзæн социалон-экономикон коллапсмæ Молдавийы", - нымайы эксперт.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Молдави æмрæстæжы архайы бахъахъхъæнын йæ ахастытæ Киевимæ æмæ уыимæ иумæ газы ифтонгады контракт дæр ма фехалын.
"Кишинев хъуамæ рависа, кæй нæу разы тыххон сценарийыл, æмæ рацæуа террористон акты ныхмæ, уымæн æмæ уый канд Днестргæроны уавæрыл не ндавы, фæлæ Молдавийыл дæр", - загъта эксперт.
ПӔК: Днестргӕроны ӕндыгъд уавӕры режиссертӕ сты Вашингтон ӕмӕ Брюссель
Рожин нымайы, Кишиневæн хуыздæр кæй уыдаид алыг кæнын газы фиддонты фарст æмæ бахъахъхъæнын ныры экономикон статус. Уый суыдзæн, Молдова хæст кæй нæ расиддзæн, уый гарант.
Уымæй размæ Днестргæроны теракты ныхмæ радзырдта Хуссар Ирыстоны ФХМ, цы ран цау схуыдта провокаци. ПӔК та фехъусын кодта, зæгъгæ, уавæр кæй фæкарздæр ,уый фæстæ лæууынц Ныгуылæны бæстæтæ, æмæ ма сæм гæнæн ис бамбал уой сæ партрертæ Фæскавказы.