Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрад равдыста дырыс ракетӕ "Калибр"- фехст хӕцӕнгарзы стыр партиимӕ ангартӕм, кӕцытӕй украинӕйаг ӕфсады сифтонг кодтой АИШ ӕмӕ европӕйаг бӕстӕтӕ.
Банысангонд ӕрцыд, Украинӕйы гарзджын тыхты ангартӕ кӕй уыдысты ӕвӕрд Запорожаг алюминион комбинаты территорийыл.
Уӕрӕсе 24 февралы расидт сӕрмагонд хӕстон операци Украинӕйы делимитаризаци ӕмӕ денацификацийы нысанӕн. Бӕстӕйы хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфрастуртурӕйы объекттӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсады.