Хуссар Ир ӕрбаиу уыдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон акци "Огонь памяти"-мӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы бонмӕ ацӕудзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон патриотикон акци "Огонь памяти", фехъусын кодта Sputnik культурӕйы министр Зассеты Жанна.
Акцийы сӕргъ лӕууынц Ӕппӕтуӕрӕсейон адӕмон фронты минӕвӕрттӕ Россотрудничествойы ӕмархайдӕй.

"Патриотикон акци райдайдзӕн Мӕскуыйы Александры бӕласдоны Ӕбӕрӕг Солдаты ингӕны цур. Уый фӕстӕ 7 майы арт лампӕты фӕхӕццӕ кӕндзысты Хуссар Ирыстонмӕ. Фыццаг уал ӕруромдзӕн Кады Аллейы Дзауы поселочы, уым ма ацӕудзӕн советон командӕгӕнӕг, хӕстон Сырх Тырысайы ӕхсӕз ордены кавалер Сланты Лентойы мемориалон фӕйнӕг бакӕныны церемони", - загъта Зассеты Жанна.

Уый фӕстӕ капсулӕ артимӕ ӕрласдзысты Цхинвалы Театралон фӕзуатмӕ, цы ран ацӕудзӕн мадзал, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрымысдзысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты цаутӕ. Акци адарддӕр уыдзӕн Ӕнусон арты раз.
Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр акцийы хайад исынц: Вьетнам, Серби, Израиль, ХПӔ бӕстӕтӕ, Абхаз ӕмӕ ӕндӕр паддзахӕдтӕ.