Хуссар Иры скъоладзаутӕн сӕрдыгон лагерь Мзиугомы срӕвдз уыдзӕн 2023 азмӕ

Sputnik
Фидӕн азмӕ Хуссар Ирыстоны сырӕздзӕн сывӕллӕтты сӕрдыгон улӕфӕн лагерь. Объект ӕвӕрд уыдзӕн Дзауы районы рӕсугъддӕр бынӕттӕй сӕ иуы - Мзиугомы. Арӕзтады министры хӕдивӕг Гуыцмӕзты Илья куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ улӕфӕн бынат амайынмӕ бавнӕлдтой 2021 азы ӕмӕ фӕуыдзӕн 2023 азмӕ.
"Лагеры уыдзӕн административон бӕстыхай ӕмӕ фондз цӕрӕн корпусы. Иугӕндзон дзы улӕфдзӕн 150 сывӕллоны. Арӕзтадон территорийы ма уыдзӕн улӕфӕн- рекриацион зонӕтӕ, спортивон фӕзуаттӕ", - загъта уый.
Министры хӕдивӕг ма банысан кодта, ныридӕгӕн арӕзтад иугӕндзонӕй кӕй цӕуы, ӕрмӕст проблемӕ ӕвзарын кӕны, арӕзтадон ӕрмӕджытӕ уӕлдай тынг кӕй фӕзынаргъ сты, уый.
"Уыцы проблемӕ скъуыдзаг кӕнӕм, ныфс нӕ ис ӕмӕ йӕ тагъд рӕстӕджы кӕй аиуварс кӕндзыстӕм нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ иумӕ. Уымӕй дарддӕр нӕм проблемӕ нӕй", - бафиппайдта Гуыцмӕзты Илья.
Уый ма куыд бахахх кодта, уымӕ гӕсгӕ лагеры арӕзт ӕрцыд хъармгӕнӕн системӕ, ӕмӕ йӕ бон у куса зымӕгон рӕстӕджы дӕр.