ПӔК: Днестргӕроны ӕндыгъд уавӕры режиссертӕ сты Вашингтон ӕмӕ Брюссель

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Днестргӕроны уавӕр кӕй фендыгъ ис, уый фӕстӕ лӕууынц ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ, кӕцыты плӕнттӕ реализацигонд цӕуынц Скӕсӕн Европӕйы марионетон режимты руаджы, загъта Паддзахадон ӕдасдзинад комитеты пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг Биазырты Екатерина.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ ПӔК фиксаци кӕны Днепргӕрон здӕхты уавӕры фендыгъд, афтӕ ма Украинӕйы тыхон структурӕты рдыгӕй террористон архайд кӕй фӕтыхджындӕр ис, уый.
"Дызӕрдыггаг нӕу, фӕссоветон тыгъдады уавӕр ӕндыгъдӕй-ӕндыгъддӕр кӕй кӕны, уый режиссертӕ сты Вашингтон ӕмӕ Брюссель ӕмӕ реализацигонд цӕуынц марионетон режимты руаджы Киевы, Кишиневы ӕмӕ Бухаресты. Ӕппаринаг нӕу уыцы хъуыды дӕр, ӕмӕ Ныгуылӕны бӕстӕтӕ кӕй ӕрбангом кӕндзысты ранымайгӕ деструктивон процестӕм сӕ партнерты Фӕскавказы дӕр", - загъта Биазырты Екатерина.
Ӕддагон сферӕйы ацы тӕссагдзинад рӕстӕгыл рабӕрӕг кӕнын ӕмӕ аиуварс кӕныны нысанӕн ПӔК ӕмӕ йӕ Арӕнгӕрон службӕ Уӕрӕсейы ӔФС Арӕнгӕрон управлениимӕ иумӕ фӕактивондӕр кодтой Хуссар Ирыстоны уавӕры мониторинг Гуырдзыстонимӕ арӕнгӕрон территоритыл, банысан кодта уагдоны пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг.
Днестргӕрон республикӕйы ӕдасдзинады совет ӕртыццӕджы бӕстӕйы бакодта террористон тӕссагдзинады "сырх" ӕмвӕзад. Къуырисӕр ӕмӕ дыццӕджы уым айзӕлыд цалдӕр срӕмыгъды, афтӕ ма цылдӕр хатты гранатаметӕй фехстӕуыд паддзахадон ӕдасдзинады министрады бӕстыхай Тирасполы.