Хуссар Иры йӕ цардӕй ахицӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фӕзиан Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран Къусраты Илья, уый йӕ цардӕй ахицӕн знон, фехъусын кодта культурӕйы министр Зассеты Жанна.
Къусраты Ильяйыл цыд 96 азы. Уый хос кодта республикон рынчындоны. Уӕлахизы Бонмӕ Хъахъхъӕнынады министрад фӕнд кодта уымӕн сӕрмагонд парад ауадзын рынчындоны раз.
"Уӕлахизы боныл ма Хуссар Ирыстоны сӕмбӕлдзысты дыууӕ ветераны. Знон йӕ цардӕй ахицӕн Къусраты Илья", - загъта Зассеты Жанна.
Къусраты Илья райгуырд 1926 азы, 1944 азы ацыд фронтмӕ. Хуссар Иры уый хуыдтой иууыл уӕнгрогдӕр, цӕрдӕгдӕр ветеран. Йӕхӕдӕг-иу куыд дзырдта, афтӕмӕй йыл ничи ӕууӕндыд, йӕ кар-иу куы загъта, уӕд.