Знауыры район рамбылдта ӕппӕтреспубликон турнир футболӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ахицӕн ис республикӕйы районты командӕты хсӕн турнир футболӕй. Ерыстӕ нывонд уыдысты футболист, тренер Габайты Иванӕн.
Ӕрвылазон спортивон мадзалы уӕлахиздзау ссис Знауыры районы къорд, дыккаг бынат рамбылдтой фысымтӕ ӕмӕ ӕртыккаг призер та ссис Дзауы командӕ.

"Ӕрвылазон турнир у, уадзӕм йӕ фондз азы дӕргъы. Ӕрмӕст нӕ пандеми фарон ныффӕстиад кодта. Знауыры командӕ та дыууӕ азы фӕд-фӕдыл ӕмбулы ерыстӕ", - радзырдта Sputnik Цхинвалы районы спорты хайады хистӕр Бестауты Къӕдзӕх.

Хъӕзтытӕ цыдысты дыууӕ боны дӕргъы Цхинвалы футболон скъола "Фӕранк"-ы фӕзуатыл.
Турнир футболӕй