Дзырд "ком"-æн ис бирæ нысаниуджытæ. Ком нал дзурæм "дзых"-ы нысаны, рох кæны. Фæлæ нæ фыдæлтæм та иууыл ахсджиагдæр дзырдтæй уыд æмæ уый руаджы баззад бирæ æндæр дзырдты сконды. Дзырдтæ дæр алыгъуызæттæ вæййынц.
Сæ иу у дыууæ хохы астæу цы арф лæнкау вæййы, уый. Мидæмæ бакæсгæйæ, уый æцæгдæр комы (дзыхы) æнгæс у æмæ йæ хонгæ дæр, æвæццæгæн, уымæн афтæ скодтой.
Комæн ма ис уæрæхдæр мидис: стыр ком æмæ уый фæрсты цы уынгæгдæр кæмттæ ис, уыдон иууыл иумæ. Фæлæ ахæм ком номимæ вæййы. Куырттаты комы бирæ ис къаннæгдæр кæмттæ, фæлæ се ʻппæт дæр иу стыр коммæ хауынц æмæ сын иу ном ис, иумæйаг ном. Гæнæн ис, уым уа бирæ хъæутæ дæр, куыд сæйраг комы, афтæ фæрссаг къаннæгдæр кæмтты дæр: Хъуды ком, Дзауы ком.
Дзырд ком æнæ сæрмагонд номæй дæр фæамоны æппæт уыцы нысæнттæ. Куы фæдзурæм комы аргъ лæг, уæд нæ хъуыдыйы вæййы ацы комы бæстæ – йæ бынат æмæ йæ адæм сæ цард, сæ исбонимæ.
Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Цæмæн афтæ дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106.3 fm.