ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik. Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ райсом 8.00 сахатыл минометтӕй фехстой уадзӕн пункт Крупецы хъӕуы. Ӕхстыты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ ӕмӕ фехӕлдтӕ нӕй. Уый тыххӕй йӕ фарсыл Telegram-ы фехъусын кодта Курскы областы губернатор Роман Старовойт.
"Нӕ арнхъаххъӕнджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддонты фӕстӕмӕ фехстӕй ныхмӕлӕууӕджы ӕхсыны бынӕттӕ скуынӕг кодтой. Зианбаййафджытӕ ӕмӕ фехӕлдтӕ нӕй", - ныффыста Старовойт.
Амӕйразмӕ хъусын кодтой, украинӕйаг ӕфсӕддонтӕ кӕй фехстой уӕрӕсейаг гуманитарон колоннӕ Белгороды цур.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.