"Ахӕм адӕм никуы ис": уӕрӕсейаг туристты тӕлмӕнтӕ Хуссар Ирыстонмæ балцӕй

Sputnik
Уалдзыгон бӕрӕгбонты уӕрӕсейаг туристтӕ активонӕй райдыдтой цӕуын нӕ республикӕмӕ. Цы тӕлмӕнтӕ сӕм ис, уый тыххӕй æмкъæйттæ Беляев Алексей ӕмӕ Людмила радзырдтой радио Sputnik Хуссар Ирыстоны.

"Хӕхты рӕсугъддзинад нӕ ӕлвасы йӕхимӕ, фӕлӕ нӕ адӕм ноджы тынгдӕр ӕфтауынц дисы. Адӕм тынг уазӕгуарзӕг сты, ныр дыккаг хатт дӕн Хуссар Ирыстоны ӕмӕ дис кӕнын адӕмы ахастыл", - загъта Людмила.

Алексейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй Людмилайы сразы кӕна ӕрцӕуын Хуссар Ирыстонмӕ – Кавказ ын ӕвзарын кодта тас.
Бинонтӕ бафиппайдтой, кӕй фӕнд кӕнынц ӕрвылаз дӕр цӕуын Хуссар Ирыстонмӕ.
Бӕстондӕрӕй интервьюмӕ хъусут аудиоӕрмӕджы радио Sputnik Хуссар Ирыстоны.