Кремль аиуварс кодта дам-думтӕ 9 майы иумӕйаг мобилизаци расидыны фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Уӕрӕсейы 9 майы, Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы афӕдзыбоны, ӕппӕтиумӕйаг мобилизаци расидыны фӕдыл ныгуылӕйнаг ДИФ хъусынгӕнинӕгтӕ Кремлы рахуыдтой сӕнттӕ цӕгъдын.
"Уый раст нӕу, уыдон сты сӕнттӕ", - хъусын кӕны уӕрӕсейаг раздзоджы ныхӕстӕ пресс-секретарь Дмитрий Песковы ныхӕстӕ РИА Нововсти.
Кремлы минӕвар ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ма ӕууӕндой ахӕм хъусынгӕнинӕгтыл.
Къуырийы размӕ Стыр Британийы хъахъхъӕнынады министр телеканал LBC эфиры радзырдта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе цӕттӕ кӕны Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны расидын ӕппӕтиумӕйаг мобилизаци. Фӕстӕдӕр ӕнгӕс публикацитӕ фӕзындысты бритайнаг ӕмӕ америкӕйаг прессӕйы дӕр.
Уӕрӕсейы ХМ фехъусын кодтой, украинӕйаг боевиктӕ кӕй сты фидар ӕрхъулайы "Азовсталь"-ы
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.