Бестауты Георгийыл сæххæст уыдаид 90 азы. Поэт æмæ тæлмацгæнæджы ном ссардтой Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik, Гæбæраты Элина. "Бестау... Уазондзинад æмæ цины поэт". Ацы ныхæстæй райдыдта мадзал, кæцы нывонд уыд публицист, литературон критик, поэт æмæ тæлмагцгæнæг Бестауты Георгийы 90-азон юбилейæн.
Цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты актон залы ацыд номдзыд поэты мысæн мадзал. Ардæм æрæмбырд сты паддзахады разамынад, Бестауты Георгийы бинонтæ, студенттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.
Бестауты Георгийы мысæн изæр
Мысæн изæры фæлгæтты ацыд чиныг "Георгий Бестауты. Шаги в бессмертие"-йы презентаци, кæцы ныффыста историон зонæдты доктор Цыбырты Людвиг.
Президент Бибылты Анатолий йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, кæцыдæр адæм вæййынц Хуыцауæй арфæгонд, уыдон нымæцмæ бахаста Бестауты Георгийы дæр.
"Дæс азы тæлмац кæнын иу уацмыс, кæцы йæхæдæг у фыст вазыгджын æвзагæй - уымæн хъæуы стыр курдиат. Мах сæрыстыр стæм, Георгий неʻ мбæстаг кæй уыд, уымæй, стæй ма рахицæн кæнинаг сты, йæ фæстæ цы стыр литератуон бынтæ ныууагъта, уыдон дæр. Цас ын бантыстаид, йæ цардæй афтæ раджы куыннæ ахицæн уыдаид, уæд", - загъта президент.
Мадзалы раныхастæ æмæ видеоравдысттæ кæрæдзи ивтой. Проекторыл фенæн уыд юбилярæн йæхи æмдзæвгæтæ кæсгæйæ.
Ирон литературæзонæг, профессор Плиты Гацыр зæрдыл æрлæууын кодта, номыдзыд поэты йе 'ввахс адæм кæй хуыдтой "Гио" æмæ "Бестау". Уый бахахх кодта, абон дæр сæрыстыр кæй у Бестауты Георгиимæ хæладзинадæй.
"Чиныг "Шаги в бессмертие" ахъаз уыдзæн поэты хуыздæр базонынæн, йæ миддуне арфдæр банкъарынæн, цæмæй йын йе 'сфæлдыстад хуыздæр æмбарæм", - загъта Плиты Гацыр.
Бестауты Георгийы мысæн изæр
Сæ мысинæгтæ дзырдтой фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, поэт Дзассохты Музафер, "Хурзæрин"-ы сæйраг реактор Гæбæраты Юрий æмæ публицист Наниты Асиат. Сфæлдыстадон изæры ХИПУ-йы студенттæ фарстой поэты æмдзæвгæтæ, паддзахадон ансамблы нæлгоймæгты хор сæххæст кодта Георгийы уарзон композици "Антоны зарæг".
Бинонты номæй организатортæн бузныджы ныхæстæ загъта поэты фырт, УУМ хистæры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз.
1 / 3

Бестауты Георгийы мысæн изæр

2 / 3

Бестауты Георгийы мысæн изæр

3 / 3

Бестауты Георгийы мысæн изæр