Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Цхинвалы хъахъхъӕнӕн фидар

Sputnik
Дунейыл бирӕ рӕсугъд ӕмӕ алӕмӕттаг къуымтӕ ис, уыдонӕй иутӕ сты зындгонддӕр. Ис ма нӕ планетӕйыл ахӕм бынӕттӕ дӕр, кӕцытӕ не сты популярон, фӕлӕ уымӕй сӕ рӕсугъддзинад къаддӕр нӕу. Хуссар Ирыстон кӕд популярон туристон бӕстӕты хыгъды нӕй, уӕддӕр ныр цалдӕр азы цымыдис ӕвзарын кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр адӕммӕ.
Хуссар Кавказы Ныгуылӕн Ази ӕмӕ Скӕсӕн Европӕ кӕм иу кӕнынц, уым йӕхи айтыгъдта Хуссар Ирыстон йӕ бирӕхуызон рӕсугъд ӕрдзимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕт Цхинвал арӕзт ӕрцыд стыр Леуахийы былгӕрӕтты Сӕйраг Кавказы ӕфцӕджы хуссарварс. Историкон ратӕдзӕнтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй Цхинвалӕн йӕ бындур ӕвӕрд ӕрцыд 265 – 284 ӕзты ӕмӕ йын ис цымыдисаг ӕмӕ хъӕздыг истори.
Горӕттаг цӕрджытӕй йӕ бирӕтӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, Цхинвалы цалдӕр ӕнусы размӕ кӕй уыд арӕзт хъахъхъӕнӕн фидар. Кӕд ӕрцыд арӕзт ӕмӕ цы ран уыд, уыимӕ уӕ базонгӕ кӕндзыстӕм нӕ алӕвӕрды.