ДАР ӕмӕ ЛАР сӕргълӕуджытӕ снысан кодтой минӕвӕртты Уӕрӕсейы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Донецкаг Адӕмон Республикӕйы сӕргълӕууӕг бафыста барамынд ДАР Адӕмон советы сӕрдары хӕдивӕг Ольга Макеевайы ӕххӕстбарджын минӕварӕй снысан кӕныны фӕдыл Уӕрӕсейы, хъусын кӕны РИА Новости.
"Снысан кӕнын Макеева Ольгайы Донецкы Адӕмон Республикӕйы ӕххӕстбарджын минвӕварӕй Уӕрӕсейы", - дзырдӕуы барамынды.
Ольга Макеева.
Афтӕ ма Уӕрӕсейы Федерацийы сӕ минӕвар снысан кӕныны фӕдыл указ бафыста Луганскаг Адӕмон Республикӕйы сӕргълмууӕг Леонид Пасечник дӕр.
"Снысан кӕнын Мирошник Родионы Луганскаг Адӕмон Республикӕйы ӕххӕстбарджын минӕварӕй Уӕрӕсейы Федерацийы", - дзырдӕуы барамынды тексты, кӕцы мыхуыр ӕрцыд ЛАР сӕргълӕууӕджы сайтыл.
Раздӕр Родион Мирошник куысты Луганскаг республикӕйы сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕгӕй.
Родион Мирошник
Дыууӕ барамынд дӕр сӕ тыхы бацыдысты сӕ бафыстӕй фӕстӕмӕ.
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин 21 февралы бафыста барамындтӕ Донецкаг ӕмӕ Луганскаг республикӕты хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл.