Бибылты Анатолий схъæлæс кодта Хуссар Иры президентон æвзæрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 май – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны архайгæ президент Бибылты Анатолий схъæлæс кодта президентон æвзæрстыты дыккаг туры. Бæстæйы сæргълæууæг традицимæ гæсгæ æрбацыд 17-æм æвзарæн фадыгмæ йæ бинонтимæ.
"Нæ иууыл сæйрагдæр бæрæгбон у Уæлахизы Бон. Ӕвзæрстытæ та абон скъуыддзаг кæнынц адæм æмæ сын сæ фæстиуæг изæры базондзыстæм", - загъта Бибылты Анатолий.
Уый банысан кодта, зæгъгæ æвзæрстытæм хъуамæ уа бæрæгбонон ахаст.
"Мах хъуамæ цин кæнæм бæрæгбоныл. Ис адæмы равзæрст æмæ йæ абон фендзыстæм", - бахахх кодта президент.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны уагъд цæуы президентон æвзæрстыты дыккаг тур. Бæстæйы уæлдæр бынатыл тох кæнынц архайгæ президент Бибылты Анатолий æмæ парти "Ныхас"-ы раздзог Гаглойты Алан.